Дон-дон кæнгæйæ

preview_player
Показать описание
Нузалы цæрджытæ фæдис кæнынц. Зымæг æрхæццæ ис, фæлæ сæ хæдзæртты иу æртах дæр дон нæй. Иу мæй размæ нæ уацхæсджытæ ацы фарстайыл фæдыл араст сты хъæуымæ. Ныфс нæ уыди, истæмæй сын кæй баххуыс кæндзыстæм, уымæй. Фæлæ нæ бантыст. Бынæттон цæрджыты уывæр – куыд уыди, афтæ – æнæ дон. Кæдмæ ма? Не`сфæлдыстадон къорд ногæй уыцы фарстайæн дзуапп бацагуырдта.

Дон æрæхæй æнæ дон – афтæ нырыккон дуджы цæрынц Нузалы. Хъæуы сæр сæм дон куыд нæ калд, афтæ ныр дæр нæ кæлы. Цæрджытæн куыд сæ бон у, афтæ йæ амал кæнынц. Чи йæ хæстæгдæр хъæутæй ласы, чи цæугæдонæй, Кæцыдæртæ та суанг къæвдайы дон дæр æрæмбырд кæнынц. Дондзæуæнты бынмæ æппынæдзух мигæнæнтæ дарынц.

4 азы размæ бынæттон рынчындоны ивтой дондзæуæн хæтæлтæ. Хæстæгдæр хæдзæртты цæрджыты дæр бафæндыд сæ дондзæуæн системæ сног кæнын. Сæрмагонд кусæнгарз дæр ма дзы сæвæрдтой - ног у, фæлæй йæм дон нæ хæццæ кæны.

Зæрæмæджы гидроэлектрон станцæ аразын куы райдыдтой, уæдæй нырмæ хъæу æнæ донæй баззад. Хъæумæ цы доны хæтæлтæ цæуынц, уырдæм сæ арæзтадон хауæтдзæгтæ калын райдыдтой. Сæ уæзæй хæтæлтæ ныкъæдз сты. Хъæуы администраци фарстамæ æркæсын бадомдта. Зæрæмæджы гидроэлектрон станцæйы зæрдæ бавæрдтой, хæтæлты иу хай кæй баивдзысты æмæ хауæтдзæгтæ кæй бафснайдзысты. Куыстытæ хъуамæ ацы аз октябры бакодтаиккой, фæлæ дзы ницы рауад.

Мызуры администрацийы сæргълæууæг Едзиты Таймураз: «Куыд зæгъынц афтæмæй арæзтадон куыстытæ кæнынц. Фæлæ хæтæл нырма къæдзæй лæууы. Кæд дарддæр искуы хæтæл тонгæ акодтæ, уæддæрæй нæ бон сбæрæг кæнын нæу. Нæ йæ зонæм куыстытæ кæцæй райдайæм, уый». 

Зæрæмæджы гидроэлектрон станцæ чи аразы, уыцы организацийы куыд зæгъынц, афтæмæй фарста тагъд лыггонд æрцæудзæн. Фæлæ Уæллаг Нузалы цæрджыты уыцы ныхæстæ нал уырныц. Дон сæм зымæджы ракæлдзæн, ууыл йæ зæрдæ ничи дары. Уымæй æмæ зымæг райсом райдайдзæн.
_
Мы рядом в:
Рекомендации по теме