Кæм фесæфтæ?

preview_player
Показать описание
Иугæр хохæй кадртæ равдыстам, уæд ма дзы афæстиат уыдзыстæм. Ныр та - Нузал. Хъæуы цæрджытæ рагæй цæмæй тыхсынц, уымæ абоны онг йæ хъус ничима `рдардта. Дондзæуæн хæтæлтæ кæй базæронд сты, уый аххосæй адæмы хæдзæртты доны `ртах нæ кæлы. Хъæуы мидæг уыцы хорзæхæй хайджын сты æрмæстдæр йе `мбисмæ. Дондзуан ацæуынц, кæм кæлы, уырдæм, кæнæ та суанг Мызурмæ дæр. Кæмæй агурой æххуыс æмæ ма кæдмæ фыдæбон кæндзысты адæм, уый сæ сæр нал ахсы.

Уыдзæн æви нæ уыдзæн? Райсомæй Нузалы цæрджытæ сæ бон уыцы фарстæй райдайынц. Дондзæуæн хæтæлтæ кæй базæронд сты, уый аххосæй сæм кæлы æрмæстдæр хъæуы `мбисмæ. Фæлæ удхарæй та иууылдæр мæлынц. Сæ хъæстытæ бæргæ алыхуызон рæттæм фæхастой, фæлæ дон хиды бынты.

Æппæты фылдæр тыхсынц Уæллаг Нузалы цæрджытæ. Хæтæлты æлхъывдад гыццыл кæй у, уый аххосæй дон сæ хæдзæрттæм ласынц лæгдыхæй. Чи куыд арæхсы, афтæ. Афтæмæй адæм хæринаг дæр кæнынц, стæй хæдзары зилæнтæ дæр. Сæ тухæнтæ райдыдтой мартъийы. Дон сæм уæд æппындæр нал калд. Хæтæлты диаметр 129 миллиметрæй 219-мæ куы баивтой, уæдæй фæстæмæ. Йе `лхъывдад æрхауд, дон та хæдзæртты байсыст.

Хъуыддаг райхалыныл кусынц Мызуры бынæттон администрацийы. Сæ ныхæстæм гæсгæ, æдæппæттæй баивын хъæуы 6 мин 6 сæдæ метры хæтæлтæ. Ныридæгæн баныхас кодтой Зæрæмæджы гидроэлектростанцæимæ. Куыст кæронмæ куы ахæццæ уа, уæд 4 сæдæ метры дæрддзæгыл хæтæл раивдзысты, цавæр хъæуы, ахæмæй. Йæ иннæ хай йын хъуам скъахой, фæлæ уый фæстæдæр æмæ искæй æххуысимæ. Ахæм мадзæлтты руаджы дон кæлын райдайдзæн алы хæдзармæ дæр. Кæд хъуыддаг нæ фæрÆстмæ уа, уæд хъæуы астæу сæвæрдзысты донцъирæн.

Адæмæн зæрдæ æвæрынц, зымæг æнæ дон кæй нæ баззайдзысты, уымæй. Уæдæ хъармгæнæн хызæгты куыст дæр хъуамæ ма фæкъуылымпы уа.

Пелиты Сабинæ

_
Мы рядом в:
Рекомендации по теме