Дон - парахатæй

preview_player
Показать описание
Сæрдыгон дон фаг кæй нæ вæййы, ууыл Джызæлы цæрджытæ рагæй ахуыр сты. Фæлæ сын сæ уавæр фæрогдæр кæнынмæ бавнæлдтой. Хъæуы уынгты ауагътой доны ног хæтæл. Йæ дæргъ - мин метрæй фылдæр у. Пайда дзы кæндзысты 50 азæй фылдæр. Фæлæ уыцы-иу рæстæг республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады сидынц бынæттон цæрджытæм, цæмæй доныл ауæрдой. Чи дзы йæ цæхæрадæттыл цыхцырджытæ уадзы, чи та агуывзæйы дзагмæ бæллы. Бæлвырддæр хабæрттæ базондзыстут нæ уацхæссæджы æрмæгæй.

Ныр 5 азы бæрц Колыты Гæлинæйы алы райсом дæр иухуызон райдайы - дон æрбаласынæй. Уый та уымæн æмæ йæм хæдзары дон нæ кæлы. Сылгоймагæн æнцон кæм у. Уæлдайдæр та дын стыр бинонтæ куы уа, уæд. Гæлинæ хæсгæ цот хъомыл кæны. Се ппæты фаг дон æм никуы уыд. Ныр та йæ цæстытыл нал феууæнды.

Джызæлы уадзынц доны уæлæмхасæн хæтæл. Ауаддзысты сæ хъæуы дыууæ уынгыл: Пхалæгаты Зирæт æмæ Бæройты Михаилы номыл. Дон дзы раздæр никуы уыд. Ныр дон æнæкъуылымпыйæ кæй цæудзæн, ууыл дызæрдыг нал кæнынц. Сæ цинæн кæрон нæй. Хæтæлтæ сты нырыккон æмæ сæ пайда кæнæн 50 азы бæрц уыдзæн.

Джызæлы дон къуылымпытимæ кæй цæуы, уый ног хабар нæу. Уæлдайдæр сæрдыгон. Арæхдæр цæрджытæн сæхи аххосæй. Иутæ донæй æнæауæрдгæйæ пайда кæнынц, уыимæ ма йæ сæ цæхæрадæттæм дæр ауадзынц. Иннæтæм та доны цъыртт дæр нæ хæццæ кæны. Æмæ фыдлдæр хатт хъæуы иннæ кæрон дон нæ вæййы.

Альберт Сохъуырты, цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министр: «Æрмæст хиуыл хъуыды кæнын нæ хъæуы. Кърант куы нæ сæхгæнай, уæд æй зон, кæмæйдæр дон кæй давыс, уый. Хæтæл вæййы бæлвырд адæймы нымæцмæ гæсгæ уагъд. Донæй пайдагæнджытæ 5 кæнæ 9 хатты фылдæр куы свæййынц, уæд, агъгъайдæр дон нал фæфаг кæны. Уымæн æмæ хæтæлтыл сæ фаг дон нæ цæуы. Æмæ дæ хæдзары къран æппнæдзух куы нæ *хгæнай, уæд дæ сыхаджы æнæдон кæндзытæ».

Хæтæлтæ ивынц бынæттон администраци æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министрады фæрæзтæй. "Республикон бюджет куыстмæ ницы бар дары" - зæгъынц профилон ведомствæйы. Зæрдæ æвæрынц ног къуыри куыстытæ кæй фæуыдзысты, ууыл. Тагъд бынæттон цæрджытæ рагæй цы хорзæхмæ æнхъæлмæ кастысты, уый сыл æрцæудзæн. Сæ хæдзæртты нуазыны дон парахатæй кæлдзæн.
_
Мы рядом в:
Рекомендации по теме