Цы схъиуыс?

preview_player
Показать описание
Дзæуджыхъæуы фæндæгты кой кæнгæйæ, канд шофырты зæрдæтæ не сриссынц, фæлæ бæлццæтты дæр. Сагъæс кæнынц æвзæр фæндæгты аххосæй сæ машинæтæ кæй хæлынц, ууыл. Иннæтæ се `нæниздзинадæн стæрсынц дзыхъхъытæ æмæ къуыппытыл цæуæг транспорты бадгæйæ. Афтæ сæ сцæгъды... Адæмы `хсæн ма суанг худæгæн баззад ныхас - Дзæуджыхъæуы фæндæгтыл æхсыр алас æмæ дзы нæлхæ схаудзæн, зæгъгæ.

Нæ уацхæссæг Гогаты Марат Дзæуджыхъæуы уынгтыл æрзылд, фæндæгтæ дæргъæй-уæргъмæ сбарста. Фæфæсмон ма кодта, æцæг `хсыр кæй н` аласта, ууыл. Афонмæ æгас редакцийæ нæлхæимæ бадтаиккам. Цы дзы рауад, уымæ та мæнæ кæсут.

Цыма Дзæуджыхъæуы фæндæгтæ хуым бакодтой, уый хуызæн. Куы сæм акæсай, уæд дзыхъхъытæй нал зынынц. Дзуаппдæттæг адæм боныхъæд аххосджын кæнынц, аразджытæ семæ сразы вæййынц æмæ хъусæй лæууынц, цæрджытæ та сæ тæккæ, куыд фæзæгъынц, хуыздæр арфæтимæ, сæ хæдтулгæтæ халынц.

Глубокие ямы на улицах - настоящая проблема. Чтобы объехать их водителям приходится выезжать на встречную полосу, а это может стать причиной серьезного ДТП.

Сæрбихъуырæйттæ кæнын тæссаг у, фæлæ æндæр цы гæнæн ис. Аххосджын шофыр баззайы йæхæдæг. Иу цæстæй лæмбынæг кæсы фистæгцæуджытæм, иннæмæй йæ фарсмæ цы хæдтулгæтæ скъæрынц, уыдонмæ. Дзыхъхъы цæмæй ма скуыси уа, уый дæр æй нæ фæнды, уæдæ куыд. Хæдтулгæтæ сæттынц, шофырты нервытæ та æрдуйæ нарæгдæр свæййынц.

Фæндæгтæ куыд æмбæлы, афтæ арæзт кæй не сты, уый бæрæг у. Æмæ куыннæ. Иу дзыхъхъ иннæйы бæстастæу. Худæгæн дзуринаг, фæлæ ма сын сæрмагонд домæн дæр ис.

Уæвгæ Дзæуджыхъæуы фæндæгтæн сæ фылдæр уыцы домæнтæн сæ дæлæты рауадысты. Алы бон дзыхъхъытæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Мæнæ ацы кадртæ систам Чкаловы номыл уынджы. Машинæтæй уæлдай ма дзы дыууæрдæм кæнынц трамвайтæ дæр. Се фсæнвæндагыл та иннæ хæдтулгæтæ дыууæрдæм кæнынц. Афтæмæй, ам дæр дзыхъхъытæ къуыбар рафтауынц. Цы нæ хуыз дзы фендзынæ - тымбылтæ, æмраст, стыртæ, гыццылтæ æмæ æндæртæ. Диссаг та уый у æмæ æнæдзыхъхъ фæндæгты дæр машинæ раст нæ ацæудзæн. Базыдтам æй мæнæ ахæм хуымæтæг фæлварæны фæрцы. Нæ машинæйыл сæвæрдтам агуывзæ, æхсыры бæсты дзы дон ныккодтам æмæ араст стæм Къостайы уынгыл. Цас тагъддæр цыдыстæм, уас нæ дон йæ былтæй калд. Фæстагмæ ма хаугæ дæр фæцæй кодта. Фæлварæн йæ уд систа.

Бынæттон цæрджытæ хæлæг кæнынц, сæ фарсмæ уынгтæй асфальт кæм ис, уыдонмæ. Хъаст кæнынц. Фæлæ дзуаппдæттæг кусджытæ къæрттæй цъула не ппарынц.

«Æрдæгмард» фæндæгтæй фылдæр ницы разынд Дзæуджыхъæуы. Суанг ма сын хыгъд дæр ис. Цалцæг кæнын сæ хъавынц. Стæй та - ноджыдæр бахъавынц. Æмæ ма иу хатт. Афтæ рахъав-бахъав кæнынц афæдзæй-афæдзмæ. Уыцы хъавд кæд фæрæстмæ уыдзæн, уымæн Хуыцау - йæ зонæг. Шофыртæ дæр æнхъæлмæ кæсынц. Сæ ныфсы зынг ма мæнг дзир-дзур кæны.

Гогаты Марат
_
Мы рядом в:
Рекомендации по теме