«Нелегал-2018»

preview_player
Показать описание
Цæгат Ирыстоны сарæзтой оперативон-профилактикон мадзæлттæ «Нелегал-2018», зæгъгæ. Сæ сæйраг хæс у адæмы иу цæрæнбынатæй иннæмæ æнæзакъон змæлды ныхмæ тох кæнын. Цæгат Ирыстоны барадон службæты минæвæрттæ басгæрстой, закъонхалджытæ кæм æмбæхсынц, ахæм бынæттæ. Бабæрæг кодтой, сæрмагондæй фæсарæйнаг адæмы æнæзакъонæй чи баххуырсы, уыцы куыстдæттæг организацитæ дæр. Закъонхæлдтытæ - фагæй фылдæр. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы барадхъахъхъæнджытæ раиртæстой, сылгоймаг æнæзакъонæй Фæскавказæй æрбацæуæг цæрæджы йæхимæ кæй ныффыста, ахæм цау. Уыцы хъуыддæгтимæ пъæлицæйæгтæ арæх æмбæлынц. Республикæйы районты дæр уавæр сæ хæрзтæй нæу. Мигранттимæ тох кæнынц Алагиры, Рахизфарсы, Горæтгæрон æмæ Кировы районты. Афтæ, поселок Фыййагдоны иуы сылгоймаг йæ хæдзары ныффыста æнæзакъон мигранты. Бæрнон кусджытæ сбæрæг кодтой, нæлгоймаг уым уæвгæ дæр кæй никуы цард, уый. Управленийы кусджытæ æдæппæтæй рабæрæг кодтой 223 барадхæлды, 450 мин сомæн рафыстой ивартæ. Закъонхæлд кæй аххосæй æрцыд, уый та дзуапп ратдзæн административон æгъдауæй. Фæсарæйнаг адæмы лæгдыхæй æнæзакъонæй чи пайда кæны, уыдоны дæр бафхæрдзысты. Сарæзтой сыл 14 административон протоколы.
_
Мы рядом в:
Рекомендации по теме